Хæлар æмæ уарзонæй цæрынæн

Фæстаг дзæнгæрæджы размæ РЦИ-Аланийы Пысылмæтты духовон управленийы сæрдар, муфти ГУÆЦÆЛТЫ Хадзымурат æмæ Ирыстоны Нациты æмæ æддагон бастдзинæдты рæзтыл архайæг фонды сæрдар ЛАЛЫТЫ Лев се ‘мкусджытимæ бабæрæг кодтой Горæтгæрон районы цалдæр астæуккаг скъолайы. Ацы мадзал арæзт æрцыд Лалыты Левы хъæп-
пæрисæй. Сæ нысан уыд скъолаты директортæн, ахуыры аз кæй фæци, ахуырдзауты патриотон æмæ интернационалон хъомыладмæ бавæрæн кæй бахастой, уый тыххæй арфæ ракæнын.

 

«Махæй алчидæр йæ сывæллоны бонтæй фæстæмæ хорз  хъуыды  кæны  йæ ахуыргæнджыты,  уæлдайдæр  йæ  фыццаг  ахуыргæнæджы.  Мах  хъуамæ  уыдоны  фæллойæн  аргъ  кæнын зонæм.  Æмæ  цæугæ  дæр уый тыххæй æрбакодтам. Иу зондджын  адæймаг  куыд загъта,  афтæмæй  Сфæлдисæг  адæймагæн  радта дыууæ уæраджы, иу — дохтыры  раз  æруадзыны  тыххæй,  иннæ  —  ахуыргæнæджы  раз»,  —  загъта  Гуæцæлты Хадзымурат.

Уыцы  бон  зæрдиаг  арфæтæ  райстой  Куырттаты астæуккаг  скъолайы  директор  Хамыхъоты  Дианæ, Дачнæйы  астæуккаг  скъолайы  директор  Азæ  Албакова, Донгæроны скъолайы директор  Хетæгкаты Элизбар.

Лалыты Лев куыд загъта,  афтæмæй  “Ирыстоны  ис  сæда  адæмыхаттæй фылдæр,  алы  динтыл  хæст, фæлæ уæддæр цæрæм хæлар  æмæ  уарзонæй.  Ацы ран ис скъолайы сæргълæу-
джыты  зæрдиаг  фæллой дæр, уымæн æмæ сæ разамындæй скъолаты хæларæй ахуыр кæнынц ирæттæ, мæхъæлæттæ,  уырыссæгтæ… Бузныг сын!»

Зæрдиаг  арфæтæй уæлдай  ма  алкæмæн  дæр балæвар  кодтой  Черчесты Хъасболаты  чиныг  «Жизнь по  законам  добра».  Уым дзырдæуы  фидардзинадыл, цæрыны  ныфс  æмæ  адæймаджы  удыхъæды  æндæр хорз  миниуджытыл.  Чиныджы хъайтар у Лалыты Лев. «Ацы  чиныджы  æвдыст æрцыдысты  мæ  царды æцæг  цаутæ:  куыд  фæсахъат  дæн,  цардмæ  куыд раздæхтæн, куыд нæ фæтасыдтæн,  бæллæх  куы    æрцыдис,  уæд»,  — загъта  Лалыйы-фырт.

 

ÆЛБОРТЫ Азæ

 

[], [], [], []
Поделиться в социальных сетях